Фӕндӕгтӕ ӕмӕ ордертӕ: Цхинвалы мэр ӕрдзырдта "Мӕскуыйаг"-ы проблемӕтыл

Коцты Алан фидарӕй загъта, микрорайоны уынгты хай фидӕн аз кӕй сцалцӕг кӕндзысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Столицӕйы къухдариуӕгадмӕ нӕй финансон фӕрӕзтӕ, цӕмӕй сӕвӕрой ног асфальт "Мӕскуыйаг" микрорайоны фӕндӕгтыл, фӕлӕ кӕцыдӕр уынгты хӕйттӕ сцалцӕг кӕндзысты, загъта пресс-конференцийыл Хуссар Ирыстоны столицӕйы мэр Коцты Алан.

Актуалон фарст: Цхинвалы мэр ног комплексы фатерты уӕрсты тыххӕй

Микрорайон Цхинвалы цӕгаттаг кӕроныл сарӕзтой 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы фӕстӕ Мӕскуыйы къухдариуӕгады фӕрӕзты руаджы. Районы сӕвӕрдтой ног асфальт дӕр, фӕлӕ фӕндӕгтӕ тагъд фехӕлдысты.

Амӕйразмӕ, скъола ӕмӕ дыууӕ сабидонмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ногӕй сӕвӕрдтой асфальт. Фӕлӕ фӕндагыл районы цӕрджытӕй дарддӕр ӕрвылбон кӕй цӕуынц ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, уый тыххӕй тагъ фехӕлд, ӕмӕ йӕ ногӕй хъӕуы цалцӕг кӕнын.

"Махмӕ финансон фӕрӕзтӕ нӕй, цӕмӕй ӕнӕхъӕнӕй сӕвӕрӕм асфальт "Мӕскуыйаг" микрорайоны, фӕлӕ ауадздзыстӕм цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, сӕйраджыдӕр, скъолайы раз", — загъта Коцты Алан.

Ноджы ма иу проблемӕ, кӕцыйыл ӕмбӕлынц шофыртӕ — уынгӕг фӕндаг. Горӕты цӕрджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы фарст гӕнӕн ис аскъуыддзаг кӕнын, уӕрӕх цъӕх зонӕтӕ куы айсой фӕндаджы цурты, уӕд. Фӕлӕ мэры ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕйы къухдариуӕгадӕн нырма фадат нӕй аскъуыддзаг кӕнын ацы фарст.

Афон у: Хуссар Иры столицӕйӕн фӕзындзӕн йӕхи бӕрӕгбон

"Нӕ финансон фӕрӕзтӕм гӕсгӕ, мах нырма уый нӕ нывӕндӕм. Нӕ бюджеты ахӕм фӕрӕзтӕ нӕй", — загъта горӕты мэр.

Журналисттӕ ма сӕ хъус ӕрдардтой ноджы иу фарстмӕ, кӕцы мӕты ӕфтауы микрорайоны цӕрджыты — уыдонӕй бирӕтӕ нӕ райстой сӕ цӕрӕнуӕтты ордертӕ. Мэры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ордер раттынц документтӕ иууылдӕр цӕттӕ куы вӕййынц, уӕд.

Микрорайоны бирӕ афтид фатерты байсыны тыххӕй та Коцты Алан загъта, зӕгъгӕ, йӕм ацы фарсты фӕдыл нырма дырыс информаци нӕй.

"Ацы фарсты фӕдыл сгардзыстӕм бинонты цӕрӕнуатон уавӕртӕ. Кӕд сын ӕндӕр цӕрӕнуат ӕмӕ хорз уавӕртӕ разына, уӕд сын сӕ фатертӕ байсдзыстӕм", — банысан кодта мэр.