Равдыст Лабæйы: Хуссар Иры театр ахаста комеди æмæ аргъау

Хетæгкаты Къостайы номыл театр дыууæ спектаклы равдыста гениалон фыссæджы хъæу Лабæйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры труппæ йæ гастролон балцы фæлгæтты Хъæрæсе-Черкесы цæрæг ирæттæн равдыста комеди æмæ аргъау, фехъусын кодта Sputnik театры администратор Коцты Фатимæ.

"Спектакль "Ды мæ куы уарзай" æмæ аргъау "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ" паддзахадон театры артисттæ равдыстой Хъæрæсе-Черкесы ирон хъæу Лабæйы. Тынг хорз райста цæгаткавказы цæрæг ирон кæсæг нæ труппæйы ралæуд", — загъта администратор.

Уый ма банысан кодта, ацы къуыри та коллектив кæй хъавы йе сфæлдыстадæй барухс кæнын Дзауы районы цæрджыты зæрдæтæ.

Театры фӕдыл уагӕвӕрд ӕмӕ мыздтӕ актертӕн: парламенты ацӕудзӕн уӕрӕх рабадт

Музыкалон комеди "Ды мӕ куы уарзай" ӕвӕрд æрцыд Хуыгаты Геор ӕмӕ Хуыбецты Раяйы уацмыс "Софьяйы зарӕг"-мӕ гӕсгӕ. Уымæй размæ ма ацы спектакль 30 азы ӕнтыстджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл. Уӕд ӕй сӕвӕрдтой театралон ахуыргӕнӕндоны рауагъдонтӕ, се хсӕн уыд йӕ ныры режиссер, Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Хъӕцмӕзты Фатимӕ.

Аргъау "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ"-йæн йæ сценарий ӕвӕрӕг-режиссер Хъотайты Сӕрмӕт ныффыста зынгӕ ирон фысджытӕ Уанеты Владимиры "Фаззæттæ" ӕмӕ Дзугаты Георгийы "Хуры байзæттаг"-ы бындурыл.

Спектаклы архайынц куыд Ирыстоны сгуыхт артисттӕ – Таугазты Дзерассӕ, Мӕргъиты Инга ӕмӕ Наниты Виталий, афтӕ ма театры ног фӕлтӕр — Бекъойты Зӕринӕ ӕмӕ Цоциты Андрей.