Ницы фӕивдзӕн: Бибилты Анатолий Гуырдзыстоны президенты ӕвзӕрстыты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, Тбилисы политикӕ ног президентимӕ тынг кӕй нӕ фӕивдзӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радзырдта, Гуырдзыстоны президенты ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ кӕй не 'рхӕсдзысты стыр ивындзинӕдтӕ Тбилисы политикӕйы Цхинвалы рдӕм, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Цалынмӕ президенты нӕ равзарой: Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыимӕ арӕн

"Бибылты Анатолий бахахх кодта, республикӕйы сӕ цӕст кӕй дарынц Гуырдзыстоны ӕвзӕрстытӕм, фӕлӕ иууылдӕр ӕмбарынц, ӕвзӕрстыты фӕстӕ Тбилисы политикӕ Хуссар Ирыстонмӕ кӕй нӕ фӕивдзӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны лидер бахахх кодта, ног президент Хуссар Ирыстоны тыххӕй гӕнӕн ис фехъусын кӕна ног куырдиаттӕ, фӕлӕ республикӕйы къухдариуӕгад не 'нхъӕлмӕ кӕсы нӕдӕр республикӕйы хӕдбардзинады банымадмӕ, нӕдӕр меморандум бафыссынмӕ.

Знон Гуырдзыстоны фӕцис президенты ӕвзӕрстыты дыккаг тур. Бӕстӕйы централон ӕвзарӕн комитеты информацимӕ гӕсгӕ, рамбылдта хӕдбар кандидат Саломе Зурабишвили.