Рыг ӕмӕ цъыф: депутатӕн радзырдтой Цхинвалы уынджы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтӕй иуы цӕрджытӕ бадзырдтой депутаттӕм фӕндаджы ӕмбӕрзты ӕвзӕр уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Цоциты Игорь фембӕлд Сталины уынджы цур къуымауы цӕрджытимӕ, хъусын кӕны закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Уынг стыр нӕу (100 метрӕй къаддӕр), фӕлӕ ам ӕрмӕст цӕрӕн хӕдзӕрттӕ нӕй, фӕлӕ ма Цхинвалы Сӕйраг архивон хайад, афтӕ ма реабилитацион центр "Ныфс". Ацы организациты кусджытӕ дӕр уыдысты депутатимӕ фембӕлды.

Депутат парламента РЮО Игорь Чочиев встретился с жителями тупика в Цхинвале

Уынджы цӕрджытӕ фехъусын кодтой, депутатмӕ бадзурыны аххосаг кӕй у фӕндаджы ӕмбӕрзты ӕвзӕр уавӕр — стыр къӕхтытӕ, сӕрды рыг, зымӕджы цъыф, — проблемӕ скъуыддзаг не рцыд 2008 азы августы хӕстӕй фӕстӕмӕ.

"Къӕвда бон хӕдзарӕй Сталины уынгмӕ ацӕуын вӕййы тынг зын. Ноджы ма нӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг вӕййынц донӕй ӕмӕ мах цъылынтӕй фӕмӕрзӕм дон ӕддӕмӕ", — радзырдта уынджы цӕрӕг Гӕбӕраты Екатерина.

Сылгоймаг бафтыдта, зӕгъгӕ, газы хӕтӕлтӕй дарддӕр хицауад баивта зӕххы бын коммуникацитӕ иууылдӕр, фӕлӕ фӕндаг нырма дӕр не сцалцӕг кодтой.

Цхинвалы сӕрды ӕрӕвналдзысты ӕхсӕз уынджы хӕрзарӕзтадмӕ

Архив ӕмӕ центр "Ныфс"-ы кусджытӕ банысан кодтой, сӕ организациты агъуысттӕм ӕрвылбон кӕй ӕрбацӕуынц бирӕ хӕдтулгӕтӕ, ӕмӕ уый дӕр саразы проблемӕтӕ цӕрджытӕн фӕндаджы ӕвзӕр уавӕры тыххӕй.

Цоциты Игорь дзырд радта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн сӕххӕст кӕнын ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй.

"Хъыгагӕн, парламентӕн йӕхицӕн бюджет нӕй уынгтыл асфальт ӕвӕрыны тыххӕй, фӕлӕ уын ӕз дзырд дӕттын ацы фарст хицауады раз ӕрӕвӕрынӕй. 2019 азы уалдзӕджы, кӕнӕ сӕрды ацы территори ӕрцӕудзӕн хӕрзарӕзт", — бахахх кодта депутат.