Хӕдтулгӕ ссудзыны тыххӕй: Цхинвалы ӕрцахстой Таджикистанӕй ӕрцӕугӕ лӕппуйы

"Toyota FJ Cruiser" хӕдтулгӕ ссыгътой октябры кӕрӕтты, ацы фыдракӕндмӕ зӕрдӕ ӕхсайыны фӕдыл ӕрцахстой Таджикистаны 26-аздзыд ӕмбӕстаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik. Уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны столицӕйы "Toyota FJ Cruiser" хӕдтулгӕ ссудзыны зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕджы хӕдтулгӕ ссыгътой йӕ хӕдзары раз

"Фыдгӕнӕг у Таджикистаны райгуыргӕ 26-аздзыд нӕлгоймаг, кӕцы цӕры Хуссар Ирыстоны, агуырдта йӕ РХИ генералон прокуратурӕ "Toyota FJ Cruiser" хӕдтулгӕ ссудзыны тыххӕй", — радзырдтой МХМ.

Цау ӕрцыд 2018 азы октябры. Милицимӕ бадӕтта куырдиат хӕдтулгӕйы хицау, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ ссыгътой йӕ Toyota FJ Cruiser хӕдтулгӕ, кӕцы лӕууыд йӕ хӕдзары раз, ӕмӕ уый фӕстӕ фӕтары сты цауы бынатӕй.

Фыдгӕнӕджы бакодтой генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайадмӕ, бафтыдтой МХМ.