ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕцис цӕрджыты вакцинаци гриппы ныхмӕ, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад.
"Республикӕйы 20 ноябрьмӕ фӕцис цӕрджыты вакцинаци гриппы ныхмӕ, кӕцы уадзы Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад 2018-2019 ӕзты сезоны", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Гриппы ныхмӕ вакцинаци райдыдта 23 сентябры, кӕцы цыд Цхинвалы поликлиникӕтӕ ӕмӕ централон районон рынчындӕтты базӕйыл.