Дзӕуджыхъӕуы райдыдта проект "Театр ӕнӕ сценӕйӕ"

Проекты спектакльты архайдзысты куыд профессионалон актертӕ, афтӕ хуымӕтӕг адӕм дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы райдыдта кусын ног проект "Театр ӕнӕ сценӕйӕ", хъусын кӕны ПТРК "Алани".

Равдыст Лабæйы: Хуссар Иры театр ахаста комеди æмæ аргъау

Проекты сӕйраг хъуыды у, уӕмӕй спектакльты архайой куыд профессионалон актертӕ, афтӕ хуымӕтӕг адӕм дӕр: "КВН" хъазджытӕ, зарӕггӕнджытӕ, журналисттӕ.

Мадзалы фӕлгӕтты Леонид Филатовы пьесӕ "Про Федота-Стрельца" кӕсджытӕ фендзысты 1 декабры Кинойы Хӕдзары. Спектакль равдисдзысты цъус декорацитӕ ӕмӕ реквизитимӕ.

Ӕнахуыр формат ӕрӕмысыдысты режиссер Кокойты Андрей, республикон "КВН театры" директор Плиты Сослан ӕмӕ актер Ӕгайты Эльберд.