ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Мариинаг театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ йӕ генералон дирегтор Гергиты Валерий бацӕудзӕн 2019 азы преми "Аврора"-йы ӕвзарӕн къамисы скондмӕ. Уый тыххӕй загъта премийы автортӕй иу Рубен Варданян, хъусын кӕны Ossetia News.
Гергиты Валерийӕ дарддӕр ма премийы ӕвзарӕн къамисы сконды вӕййынц Нобелы премийы лауреаттӕ, президенттӕ, зындгонд адвокаттӕ, афтӕ ма медион гоймӕгтӕ.
"Уыдон сты дунейон ӕмвӕзады гоймӕгтӕ ӕмӕ махӕн стыр кад у, кӕй сразы сты нӕ къамисы скондмӕ бацӕуын", — банысан кодта Варданян.
Преми "Аврора" фӕдӕттынц адӕмӕн ӕмӕ организацитӕн, кӕцытӕ сӕхи снывонд кодтой адӕймаджы цард бахъахъхъӕнынӕн. "Аврора" фӕдӕттынц сомихӕгты геноциды фервӕзӕг адӕмы номӕй.