Хуссар Иры президент балӕвар кодта ныв арт-галерейӕн "Allon"

Республикӕйы сӕргълӕууӕг радта галерейӕн ныв, кӕцы йын балӕвар кодтой Хуссар Ирыстоны Хӕдбардзинады банымады бӕрӕгбоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта ног сӕрмагонд арт-галерей "Allon" Цхинвалы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Галерейы ӕмбырд сты куыд профессионалон, афтӕ ӕвзонг нывгӕнджыты аивады объекттӕ дӕр. Галерейы хицау Уалыты Мӕдинӕ базонгӕ кодта президенты нывкӕныны сфӕлдыстадимӕ.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг радта галерейӕн ныв, кӕцы йын балӕвар кодта Хъӕрӕсе-Балхъары сӕргълӕууӕг Рашид Темрезов РХИ Хӕдбардзинады банымады бӕрӕгбоны.

Галерейы хицау та радта президентӕн йӕ портер, кӕцы ныффыста Алан Ефименко.

Хуссар Иры президент балӕвар кодта ныв арт-галерейӕн "Allon"

Галерейы сты Чилӕхсаты Магрез, Кӕсойты Лаврентий, Куымӕридтаты Аркадий, Цхуырбаты Тамерлан, Битеты Алан ӕмӕ ӕндӕр авторты нывтӕ.

"Allon"-ы нысаниуӕг у ӕвзонг нывгӕнджыты сфӕлдыстад размӕ кӕнын.