Цхинвалы фæбæрæг сты республикон турниры тыхджындæр богалтæ

Æппæтреспубликон турниры иумæйаг хыгъдмæ гæсгæ иууыл фылдæр сыгъзæрин майдантæ рамбылдта Цхинвалы спорты скъола, дыккаг бынатыл ацыдысты къуаисайæгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры уæгъдибар хъæбысхæсты бындурæвæрæг Къораты Харитон æмæ йæ хъомылгæнинаг — Европæйы чемпион Цхуырбаты Андрейы номыл турниры иууыл фылдæр майдантæ рамбылдта сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды республикон комплексон спорты скъолайы командæ. Уыдон рамбылдтой 16 сыгъзæрин гæнæн уæвгæ 21 бынатæй.

Дзæнæттаг номдзыд богал Къораты Харитонæн йæ райгуырæн бон гауызмæ рахизтысты 164 хъæбысхæцæджы горæттæ Цхинвал, Къуаиса, стæй мæ Дзау æмæ Ленингоры районы минæвæрттæ. Ерыстæ цыдысты 2003-2004 æмæ 2005-2006 æзты гуырд спортсменты хсæн.

Цхинвалы фæбæрæг сты республикон турниры тыхджындæр богалтæ

Æппæтреспубликон турниры иумæйаг хыгъдмæ гæсгæ иууыл фылдæр сыгъзæрин майдантæ рамбылдта Цхинвалы спорты скъола, дыккаг бынатыл ацыдысты къуаисайæгтæ.

"Уæлахиздзаутæ рабæрæг сты 21 уæзы категорийы. Уыдонæй 16 фыццаг бынат бацахстой Спорты скъолайы (РКДЮСШ) минæвæрттæ, дыккаг бынатыл æртæ майданимæ ацыд Къуыдаргом. Æнæ майдан нæ баззад Дзауы район æмæ Уæлдæр спортивон дæсныйады скъола", — фехъусын кодта Sputnik спорты комитеты минæвар Пахомов Игорь.

Хуссар Иры уæгъдибар хъæбысхæсты бындурæвæрæг Къораты Харитон æмæ йæ хъомылгæнинаг — Европæйы чемпион Цхуырбаты Андрейы номыл турнир ацыд æртыккаг хатт.

Цхинвалы фæбæрæг сты республикон турниры тыхджындæр богалтæ