Хуссар Иры ӕрцахстой нозтджын шофыры, кӕцы алыгъд аварийы бынатӕй

Цхинвайлаг ӕвзонг шофыр нозтджынӕй сӕмбӕлд цӕджындзыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕрцахстой шофыры, кӕцы алыгъд аварийы бынатӕй Цхинвалы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Фӕндагон-транспорт цау ӕрцыд знон изӕр Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл.

"Мерседес-Е 430" хӕдтулгӕйы шофыр скъӕрдта Джиоты Аланы проспекты рдӕм, нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд цӕджындзыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Аварийы фӕстӕ шофыр ныууагъта йӕ хӕдтулгӕ ӕмӕ фӕтары ис цауы бынатӕй.

Сотрудники ДПС задержали пьяного водителя, сбежавшего с места аварии

МХМ Паддзахадон автоинспекцийы оперативон къорд сбӕрӕг кодта, фыдгӕнӕг кӕй разынд Цхинвалы 29-аздзыд цӕрӕг. Фыдгӕнӕджы ӕрцахстой Дзауы районы Уанелы хъӕуы Паддзахадон автоинспекцийы постыл.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд нозтджын. Басгӕрст уадзы МХМ Паддзахадон автоинспекци.