Цхинвалы адавынмӕ зӕрдӕхсайгӕ лӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ нӕмгуытӕ

Милицийы кусджытӕ ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзы хӕйттӕ адавыны фӕдыл фӕдагуырды рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Фӕдагурджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцыйы хӕдзары милицийы кусджытӕ ссардтой нӕмгуытӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзы хӕйттӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры хъӕутӕй иуы цӕрӕджы хӕдтулгӕйы ссардтой ӕнӕлегалон хӕцӕнгарз

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, хӕцӕнгарзы хӕйттӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ ссардтой РХИ Знауыры районы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзар адавыны фӕдыл уголовон хъуыддаджы фӕдагуырды рӕстӕджы.

"МХМ фӕдагуырды хайады кусджытӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой зӕрдӕхсайгӕ ӕмбӕстаджы хӕдзары АКМ, пулемет РПК ӕмӕ АК-74 автоматы хӕйттӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уголовон хъуыддаг бакодтой "хӕцӕнгарз ӕнӕзаконӕй ӕлхӕнын ӕмӕ ӕвӕрыны" фӕдыл.