ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий фембӕлд Абхазы минӕвар республикӕйы Елбачиты Аланимӕ, хъусын кӕны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
Д.Н. Медоев принял Чрезвычайного и Полномочного Посла Республики Абхазия в Республике Южная Осетия А.М. Елбакиева
© МИД РЮО
"Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ хатдзӕгтӕ скодтой хуссарирыстойнаг-абхазаг ӕмгуыстадӕн 2018 азы, ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадты ӕхсӕн ӕмархайды дарддӕры перспективӕтыл, загътой сӕ хъуыдытӕ дыууӕварсон боны фӕткы цалдӕр актуалон фарсты фӕдыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг банысан кодта ӕхсӕнпаддзахадон ахастыты хорз динамикӕ ӕмӕ фидарӕй загъта, пайдаджын ӕмархайд дарддӕр дӕр кӕй уӕрӕх кӕндзӕн.