Юбилей æмæ хорзæхтæ: ансамбль "Алан"-ыл сæххæст 80 азы

Юбилейон мадзалы рæстæджы республикæйы адæмон æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артистты нæмттæ райстой ансамблы 17 кусæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль "Алан"-ы равзæрдыл 80 азы сæххæсты цытæн республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта ансамблы кусджыты иу къорды, хъусын кæны ТК "Осетия-Ирыстон".

Хорзæхгæнæн мадзал арæзт æрцыд Тæбæхсæуты Балойы номыл академион театры.

Ансамбль "Алан"-ы Цхинвалы райстой аншлагимӕ

"Ирыстоны намысы" майданты аккаг ссисты ансамблы аивадон хайады разамонæг Уататы Зæринæ, балеты артисттæ Плиты Алик æмæ Теблойты Сослан. Республикæйы адæмон æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артистты нæмттæ райстой ансамблы 17 кусæджы. Уымæй уæлдай ма 9 адæймаджы ссисты республикæйы Парламенты кады гæххæттыты аккаг", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ансамблы 80 азы юбилейы кадджын мадзалмæ æрбахуыдтой паддзахадон ансамблы ветерантæ æмæ се 'мкусджыты Уæрæсейы иннæ регионтæй дæр.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль "Алан"-ы равзæрдыл сæххæст 80 азы. Ансамблæн 1938-æм азы йын бындур сæвæрдта зындгонд композитор Кокойты Тæтæрхъан. Ныртæккæ ансамблы ис 61 адæймаджы. "Алан" хорзæхджын у бирæ æппæтдунеон фестивальты майдантæй. У Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон æркастыты уæлахиздзау. Адæмы рæгъмæ хæссынц 24 кафты.