Хуссар Иры консулӕн Дард Скӕсӕны радтой УФ Кады Орден

Дипломаты схорзӕх кӕныны фӕдыл барамынд бафыста Уӕрӕсейы Федерацийы сӕргълӕууӕг Владимир Путин
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны кадджын консул УФ Дард Скӕсӕны Федералон зылды Деметы Ясоны схорзӕхджын кодтой Кады Орденӕй, хъусын кӕны республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

Дард Скӕсӕны ирӕттӕ сарӕзтой Сыгъдӕг Уастырджийы кувӕндон

"Уӕрӕсейы Федерацийы барамындмӕ гӕсгӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны кадджын консул Дард Скӕсӕны Федералон зылды Деметы Ясон хорзхӕхджын ӕрцыд Кады Орденӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Деметы Ясон у Уӕрӕсейы сгуыхт дохтыр, медицинон службӕйы булкъон фӕстауӕрцы, афтӕ ма у Денджызгӕроны ирон диаспорӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ бындурӕвӕрӕг. Хуссар Ирыстоны республикӕйы консулады сӕргъ лӕууы Дард Скӕсӕны 2011 азӕй фӕстӕмӕ.