Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой 10 майданы Цӕгат Иры турниры

Турниры хайад истой 50 каратисты онг, хуссарирыстойнаг командӕйы сконды уыд 12 спортсмены
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссарирыстойнаг спортсментӕ Дудайты Донна, Тыджыты Ирина ӕмӕ Лалыты Джер рамбылдтой Цӕгат Ирыстоны гом чемпионат ӕмӕ фыццагад кекусин-кан каратейӕ, ноджы ма аст каратисты та бацахстой призон бынӕттӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта спортсменты тренер Созаты Владимир.

Тæргайаг бронзæ: Дудайты Донна ссис æфсæддон æмтохæдты хъæзтыты призер

Турниры хайад истой 50 каратисты онг, хуссарирыстойнаг командӕйы сконды уыд 12 спортсмены.

"Сӕ уӕзы категориты фыццаг бынатмӕ схызтызты Дудайты Донна, Тыджыты Ирина ӕмӕ Лалыты Джер. Ӕвзист майданты хицӕуттӕ баисты Абайты Ева, Биазырты Къоста, Тадтаты Софья ӕмӕ Абайты Камила. Ноджы ма ӕртӕ спортсмены та ссисты бронзӕйон призертӕ", — радзырдта Созаты Владимир.

Тренер банысан кодта, иумӕйагӕй райгондӕй кӕй баззад йӕ хъомылгӕнинӕгты ралӕудӕй ӕмӕ бафтыдта, ныр та спортсментӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуссар Федералон зылды чемпионат ӕмӕ фыццагад.

Цӕгат Ирыстоны гом чемпионат ӕмӕ фыццагад бацӕттӕ кодтой Хуссар Ирыстоны кекусин-кан каратейы федераци ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны каратейы федераци.