Хуссарирыстойнаг богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан Нефтеюганскы турниры

Джиоты Александр разынд иууыл тыхджындӕр 105 килограмм уӕзы категорийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Спортсмен Хуссар Ирыстонӕй Джиоты Александр рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ханты-Мансийскы автономон зылды уӕззау атлетикӕйӕ юниорты ӕхсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Плиты Артур.

Цхинвайлаг армхæцæг ссис Цæгат Иры ерысты призер

Турнир Нефтеюганскы ӕрӕмбырд кодта 170 хуыздӕр уӕзисӕджы.

"Джиоты Александр разынд иууыл тыхджындӕр 105 килограмм уӕзы категорийы, иумӕйагӕй систа 230 килограмм", - банысан кодта Плиты Артур.

Спортсмены ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Плиты Артур ӕмӕ Габайты Ацӕмӕз, Уӕрӕсейы Джиоты Александр тренировкӕ кӕны Наниты Аланы къухдариуӕгады бын.