Бибылты Анатолий: УФ конституци сбӕрӕг кодта бӕстӕйы райрӕзты вектор

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн паддзахадон бӕрӕгбоны цытӕн – абон нысан цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы Конституции бон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы конституци у уӕрӕсейаг паддзахады фидар бындур, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арфӕйы телы Конституцийы боны цытӕн УФ сӕргълӕууӕг Владимир Путинмӕ.

"1993 азы 12 декабры райстой Уӕрӕсейы Федерацийы Сӕйраг закон, кӕцы сбӕрӕг кодта бӕстӕйы райрӕзты приоритетон вектор, ссис уӕрӕсейаг паддзахады демократон райрӕзты фидар бындур", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Бибылты Анатолий фидарӕй банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн хӕларадон ахастытӕ кӕй райтынг сты алы фадыджы дӕр.

Афтӕ ма президенты цӕст бауарзта Путин ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмӕн сабырдзинад ӕмӕ фӕрныгад.

УФ Конституцийы райст нысан кӕнынц 12 декабры, паддзахадон бӕрӕгбоныл ӕй нымайынц 1994 азӕй фӕстӕмӕ.