ХИПУ ӕмӕ "РУДН" бадзырдтой ӕмгуыстадыл

Бадзырд бафыстой ахуыргӕнӕндӕтты ректорты кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы Мӕскуыйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим ӕмӕ йӕ коллегӕ Адӕмон Хӕларады Уӕрӕсейы университетӕй (РУДН), афтӕ ма Уӕрӕсейы уӕлдӕр аттестацион къамисы сӕргълӕууӕг Владимир Филиппов бафыстой дыууӕ ахуыргӕнӕндоны ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Хуссар Ирыстоны университеты пресс-службӕ хъусын кӕны, бадзырд бафыссыны хайад кӕй иста РХИ минӕвар Уӕрӕсейы, кӕцыйӕн Тедеты Вадим загъта бузныг кусӕгон фембӕлд сорганизаци кӕныны тыххӕй.

ЮОГУ и РУДН договорились о сотрудничестве

Дыууӕ ахуыргӕнӕндоны сӕргълӕуджытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстады фарстытыл. Тедеты Вадим загъта йӕ коллегӕйӕн, цӕмӕй ХИПУ кусджыты сфидар кӕной "РУДН" кадефрӕтӕм, цӕмӕй ныффыссой кандидатон ӕмӕ докторон диссертацитӕ. Афтӕ ма ӕрдзырдтой квалификаци фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ иумӕйаг мадзӕлттӕ ауадзыны фарстытыл.

Тедеты Вадим ӕрдзырдта фарстытыл, кӕцытӕ сты УФ ахуырады министрады уӕлдӕр аттестацион къамисы компетенцийы. Сӕйраджыдӕр, зонадон журнал рауадзын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны аттестацион къамис саразыныл.

Вадим Тедеев и ректор МГУ Виктор Садовничий

Кусӕгон балцы рӕстӕджы ма Тедеты Вадим фембӕлд Ломоносовы номыл Мӕскуыйаг паддзахадон университеты ректор Виктор Садовничиимӕ, афтӕ ма бацыд УФ ахуырад ӕмӕ зонады министрадмӕ.

Ректор куы ӕрыздӕхт, уӕд радзырдта Бибылты Анатолийӕн кусӕгон фембӕлдты фӕстиуджыты тыххӕй.