Хуыздӕр хуссарирыстойнаг нывгӕнджыты куыстытӕн Мӕскуыйы байгом равдыст

Экспозицийы баконд снывонд кодтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадыл 10 азы сӕххӕстӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нывгӕнӕн скъолайы ирддӕр минӕвӕртты аивадон галерей байгом Уӕрӕсейы президенты администрацийы цур Стратегион иртӕстыты уӕрӕсейаг институты бӕстыхайы.Уый тыххӕй хъусын кӕны УФ хуссарирыстойнаг минӕварады пресс-службӕ.

Экспозицийы баконд снывонд кодтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадыл 10 азы сӕххӕстӕн ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 2019 азы февралы онг.

Республикӕйы минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр загъта бузныг институты директор Михаил Фрадковӕн равдыст ауадзыны хъуыддаджы йӕ алыварсон ӕххуысы тыххӕй, афтӕ ма банысан кодта, "галерей кӕй суыдзӕн дыууӕ бӕстӕйы адӕмты хӕларады символ".

Посол РЮО в РФ Знаур Гассиев (слева) и ректор РИСИ Михаил Фрадков

Михаил Фрадков дӕр бузныг загъта, кӕй сын радтой фадат зынгӕ ирон нывгӕнджыты куыстытимӕ базонгӕ кӕнынӕн.

Экспозицийы хайадисджытӕ ссисты Бедойты Шалва ӕмӕ Виктор, Гасситы Хсар ӕмӕ Сергей, Гассеты Александр, Гобозты Александра ӕмӕ Владимир, Зассеты Зураб, Кӕсойты Алан, скульптор Плиты Андрей.

Уыдонӕй дарддӕр ма мадзалы фӕлгӕтты равысты фенӕн ис Тугъанты Махарбеджы куыстытӕ.