Мит хуссары, зӕйтӕ цӕгаты: Транскам нырма дӕр у ӕхгӕд

Иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы, сӕхгӕдтой ӕртыццӕджы тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 дек —  Sputnik, Козаты Диана. Транскавказон автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы, дыккаг бон у ӕхгӕд. Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ фехъусын кодта Sputnik, миты бӕрзӕнд хӕхты кӕй у 60 сантиметры.

"Ныртӕккӕ трассӕйыл мит нал уары, кусджытӕ сыгъдӕг кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕст дарынц фӕндаджы уавӕрмӕ", — загътой УУМ.

Ручъы туннелы цӕгаттаг фарс ӕрцыдысты зӕйтӕ.

Транскам сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр

"Хӕхты нырма бирӕ мит ис ӕмӕ гӕнӕн ис бирӕ зӕйтӕ ӕрцӕуой. Нӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй сӕ сӕхӕдӕг ӕруадзой. Нырма нӕй гӕнӕн зӕгъын, цас рӕстӕг бахъӕудзӕн трассӕ сыгъдӕг кӕнынӕн", — радзырдтой УУМ.

Цъус раздӕр Хуссар Ирыстоны радтой электроэнерги, кӕцы цыппӕрӕмы райсомӕй ногӕй ахицӕн ис.