Фыссӕг Дыгъуызты Тенгиз ратӕлмац кодта Шарль Перройы аргъӕуттӕ ирон ӕвзагмӕ

Чиныг бацӕттӕ кодтой республикон мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты фӕдыл комитеты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Фыссӕг Дыгъуызты Тенгиз ратӕлмац кодта ирон ӕвзагмӕ зындгонд французаг фыссӕг Шарль Перройы аргъӕуттӕ, хъусын кӕны Ossetia News.

Цæгатирыстойнаг поэтессæйы схорзæхджын кодтой Нафийы майданæй Цхинвалы

Ӕмбырдгонд "Алæматы Аргъæутты" презентаци, цы ран хайад райстой республикӕйы фысджытӕ, артисттӕ, ӕхсӕнадӕмон архайджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ, ацыд Дзӕуджыхъӕуы.

Дыгъуызты Тенгизӕн радтой зындгонд фыссӕг Лев Толстойы статуэткӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы фысджыты цӕдисы кады грамотӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй бӕстӕйы литературӕйы райрӕзтмӕ.

Чиныг бацӕттӕ кодтой республикон мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты фӕдыл комитеты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Дӕсгай ӕмбырдгондтӕ ныридӕгӕн радтой республикӕйы сывӕллӕтты библиотекӕтӕн.