Хуссайраг гимнасткæты æнтыст цæгаты: сæрмагонд приз æмæ 12 майданы

Ӕдæппæтæй цхинвайлаг чызджыты къухты бафтыд 12 призон бынаты, се ʻхсæн фæйнæ фондз сыгъзæрин æмæ æвзист майданы æмæ дыууæ бронзæйон хæрзиуæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзæуджыхъæуы аивадон гимнастикæйы гом фыццагад "Горянка"-йы цхинвайлаг спортсменкæтæ рамбылдтой фондз сыгъзæрин майданы, Плиты Викторияйы та банымадтой турниры уæлахиздзауыл, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры эстетикон æмæ аивадон гимнастикæйы Федерацийы президент Цхуырбаты Зема.

Цхинвайлаг гимнасткæтæ ссисты Ставрополы турниры призертæ

Ӕдæппæтæй цхинвайлаг чызджыты къухты бафтыд 12 призон бынаты, се ʻхсæн фæйнæ фондз сыгъзæрин æмæ æвзист майданы æмæ дыууæ бронзæйон хæрзиуæджы.

"Спортивон мадзалы организатортæ дæр нын нæ уавæры бацыдысты – хъуамæ архайдтаиккам дыууæ боны, фæлæ Транскамы уавæр хынцгæйæ, ныхæццæ стæм комкоммæ ерыстæм. Тынг æнæнхъæлæджы æмæ мын æхсызгон уыд чыджыты æнтыст. Плиты Викторияйы банымадтой турниры уæлахиздзауыл, уый архайдта спорты мастеры нывæзтмæ гæсгæ", — загъта тренер.

Цхуырбаты Зема ма банысан кодта, турниры сæ хъомылгæнинæгтæ цы бæрæггæнæнтæ равыстой, уый кæй у тренерон къорды иумæйаг куысты хыгъд.

Чызджытæ архайдтой 2009, 2010, 2011 æмæ 2012 æзты гуырд спортсменты ʻхсæн. Гимнасткæтæ сæхи цæттæ кæнынц Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы тренертæ Цхуырбаты Зема, Бестауты Зæринæ, Зæгъойты Зæринæ æмæ Тедеты Зæринæмæ.