Ирон фарны гуырæн: "Стыр Ныхас" бакодта æгъдауы скъола

Нывæзтмæ гæсгæ, Ног азы фæстæ байгом уыдзæн Стыр Ныхасы ирон æвзаджы скъола дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. "Иры Стыр Ныхас"-ы фæндонмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы байгом "Ирон æгъдауы скъола-клуб". Фæсивæды галуаны уыд фыццаг фембæлд ирон æгъдæуттæ базонын кæй фæнды, уыдонæн, хъусын кæны 15 регион.

Нывæзтмæ гæсгæ, Ног азы фæстæ байгом уыдзæн Стыр Ныхасы ирон æвзаджы скъола дæр.

"Стыр Ныхас"-ы бындурыл арæзт цæуы Мыггаджы тæрхон

"Скъола байгом кодта "Иры Стыр Ныхас". Фыццаг ахуыртæм æрбацыдысты фæндзай адæймагæй фылдæр. Сæ фылдæр уыдысты кæстæртæ. Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан радзырдта, æгъдау ирон лæджы царды цы ахсджиаг бынат ахсы, цæмæн нæй махæн æнæ уымæй фидæнмæ цæуæн, уый тыххæй æмæ ацы скъолайы дарддæры куысты тыххæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æгъдауы скъола дарддæр кæндзæн ахуырадон, зонындзинад тауыны куыст практикон ахуырты руаджы дæр. Дыккаг фембæлд уыдзæн 20-æм декабры Дзæуджыхъæуы Фрунзейы уынджы 24-æм хæдзары, дыккæгæм уæладзыджы, "Иры Стыр Ныхас"-ы рабадты залы.