Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы УУМ бадзырдтой оперативон ӕмархайдыл уӕлвӕткон уавӕрты

Дыууӕ бӕстӕйы уӕлвӕткон уавӕрты министртӕ ӕрдзырдтой уагдӕтты ӕмгуыстадыл Мӕскуыйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдты (УУМ) сӕргълӕуджытӕ Тадтаты Алан ӕмӕ Евгений Зиничев ӕрдзырдтой дыууӕ уагдоны ӕмгуыстады уавӕр ӕмӕ перспективӕтыл. Министрты фембӕлд ацыд Мӕскуыйы 17 декабры, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ.

Фидар цыппар: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг саргъ кодта уагдоны куыстӕн

"Фембӕлды рӕстӕджы бафыстой уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы ӕмгуыстады фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы хицауадты ӕхсӕн бадзырды протокол", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Документмӕ гӕсгӕ уагдӕттӕ сараздзысты хорз уавӕртӕ оперативон ӕмӕ эффективон архайдӕн уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы.

Бафыссыны церемонийы хайад иста Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.