Архайын иумӕ: Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник баныхасы хатдзӕгты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны президент ауагъта баныхас ЛАР сӕргълӕууӕгимӕ йӕ официалон балцы рӕстӕджы республикӕмӕ. Паддзахадты сӕргълӕуджытӕ радзырдтой журналисттӕн темӕты тыххӕй, кӕцытыл ныхас кодтой фембӕлды рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) хъуамӕ иумӕ цӕуой размӕ ӕмӕ уӕрӕх кӕной фадаттӕ райрӕзтӕн, загъта президент Бибылты Анатолий ЛАР сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды фӕстӕ.

Встреча делегации ЛНР с руководством РЮО

ЛАР сӕргълӕууӕг ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 17 декабры изӕры. Дыццӕджы Цхинвалы ацыд дыууӕ президенты фембӕлд, ӕртыццӕджы та бафысдзысты хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

"Мах ӕрдзырдтам фарстытыл, кӕцытӕ сты боны фӕткы. Сбӕрӕг кодтам, цы нын баххуыс кӕндзӕн схизын кӕнын нӕ ахастытӕ ӕмбӕлгӕ ӕмвӕзадмӕ. Сӕйраджыдӕр, мах ӕмбарӕм, кӕй нӕ хъӕуы цӕуын размӕ иумӕ, уӕрӕх кӕнын нӕ фадаттӕ политикон, социалон ӕмӕ ӕндӕр здӕхтты", — загъта Бибылты Анатолий.

Президент бафтыдта, ЛАР сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг экономикон фарстыты фӕдыл ӕмӕ Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министр абон кӕй ӕрдзурдзысты экономикон фадыджы ӕмархайдыл.

Встреча президента РЮО Анатолия Бибилова с главой ЛНР Леонидом Пасечником

Леонид Пасечник банысан кодта, фембӕлды рӕстӕджы кӕй ӕрныхас кодтой бирӕ актуалон фарстытыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ЛАР ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн ис бирӕ фӕндӕгтӕ ӕмгуыстадӕн.

"Нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у фӕфылдӕр кӕнын нӕ адӕмты хъӕздыгад ӕмӕ мах уый фӕдыл сбӕрӕг кодтам къахдзӕфтӕ", — загъта ЛАР сӕргълӕууӕг.

Луганскы президент загъта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕгӕн бузныг президентӕн хорз баныхасы тыххӕй ӕмӕ фидарӕй банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы фарсытӕ кӕй райдайдзысты реализаци кӕнын мӕгуыстады къахдзӕфтӕ.

"Фыццаг къахдзӕф уыд иумӕйаг амалиуӕгад, кӕцы срегистраци кодтой Хуссар Ирыстоны территорийыл", — загъта Пасечник.

Встреча делегации ЛНР с руководством РЮО

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.