Хуссар Ир ӕмӕ Луганск ӕмгуыстад кӕндзысты: Цхинвалы бафыстой бадзырд

Бадзырд бафыстой Хуссар Ирыстонмӕ ЛАР сӕргълӕууӕджы фыццаг официалон балцы фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) ӕртыццӕджы бафыстой хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Архайын иумӕ: Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник баныхасы хатдзӕгты тыххӕй

Документыл сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой дыууӕ республикӕйы сӕргълӕуджытӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Леонид Пасечник.

Бадзырд бафыстой ЛАР сӕргълӕууӕджы фыццаг официалон балцы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстонмӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.