Митуарды фæстиуæг: Дзауы районы бæрзонд хъæутæм асыгъдæг кодтой фæндæгтæ

Стыр митуард хъæуты цæрджыты фæиппæрд кодта районон центрæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæутæм асыгъдæг кодтой фæндæгтæ. Стыр митуарды фæстиуæгæн цæрæн пункттæм фæхицæн ис фæндагон бастдзинад, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службæйы кусæг.

Дзауы районы æрдзон бæллæхы зианбаййафджытæ райсдзысты æххуыс

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн цалдæр хатты расыгъдæг кодтой фæндæгтæ Чеселт æмæ Хъемултайы хъæутæм.

"Фæндæгты митæй расыгъдæг кæныныл службæтæ куыстой фæтыхджындæргонд режимы. Цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæн хæсгонд уыд канд сæйраг фæдагон хахх балыг кæнын нæ, фæлæ ма хæдзæрттæм дæр расыгъдæг кæнын фæндаг, уымæн æмæ ма хъæуты цы иунæг цæрджытæ ис, уыдон дæр сты карджын", — загътой районы пресс-службæйы.

Уымæй дарддæр ма, банысан кодтой администрацийы, поселок Дзауы Ленины уынгыл æвæрд цæуынц донцæуæн хæххытæ, "сæ дæргъ у 135 метры".

Митуард Дзауы районы