Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ ӕмгуыстадыл

Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Наниты Игорь райста йӕ уӕрӕсейаг коллегӕты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрадты (МХМ) минӕвӕрттӕ фембӕлдысты Цхинвалы ӕмӕ ӕрдзырдтой барадхъахъхъӕнӕн фадыджы дыууӕварсон ӕмгуыстадыл, афтӕ ма банысан кодтой иумӕйаг куысты хорз фӕстиуджытӕ дӕр. УФ делегацийы райста республикӕйы мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы МХМ информацион-координацион центр бакодтой Цхинвалы

"Абон мах уынӕм Уӕрӕсейы МХМ ӕххуысы конкретон фӕстиуджытӕ. Уый руаджы материалон ӕххуыс райстой амӕттӕгты бинонтӕ, кӕцытӕ фӕмард сты службӕйон хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Ацы фарст скъуыддзаг кодтой 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы здӕхты ис нырма бирӕ куыст", — бахахх кодта Наниты Игорь.

Уӕрӕсейы МХМ минӕвар загъта бузныг хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн иумӕйаг куысты тыххӕй информацион-координацион центры арӕзтады. Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, фыццаг хатт Уӕрӕсейы историйы сарӕзтӕуыд ахӕм масштабы ӕхсӕнуагдонон, ӕхсӕнпаддзахадон орган.

ИКЦ директор Болататы Алан фидарӕй загъта, кусджытӕ кӕй не рлӕудзысты ахӕм фӕстиуӕгыл.