Йæ цардæй ахицæн поэт Бахъаты Нугзар

Зынгæ литературон архайæг ныууагъта ахадгæ литературон бынтæ, у 16 чиныджы автор
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. 87 азы кары йæ цардæй ахицæн зынгæ ирон публицист, поэт, педагог æмæ æхсæнадон архайæг, Хуссар Иры парламенты цыппæрæм æрсидты депутат, фысджыты цæдисы уæнг, культурæйы сгуыхт кусæг Бахъаты Нугзар.

Ныууагъта ахадгæ литературон бынтæ, у 16 чиныджы автор.

"Бахъаты Нугзар ирон литературамæ æрбацыд 60-æм æзты æмæ йын кæронмæ лæггад кодта, куыста поэзийы. Фæстаг æзты, уæлдайдæр гуырдзиаг-ирон хæст куы райдыдта, уæд ахызт публицисткæмæ дæр, фыста критикон уацмыстæ дæр. Фæлæ иууыл ахадгæ дæр уыдысты йæ лирикон æмдзæвгæтæ. Куыд поэт-лирик, уыд иууыл тыхджындæр", — загъта Sputnik Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Йæ фыццаг чиныг "Любовные песни" рацыд 57 азы, уый фæстæ йæ публицистикон уацтæ мыхуыр цыдысты уырыссаг, ирон æмæ белоруссаг æвзæгтыл. Бирæ æзты дæргъы куыста рауагъдад "Ирыстон"-ы редакторæй.

Зынгæ æхсæнадон архайæг райгуырд 25 сентябры 1932 азы Знауыры районы Бахъаты хъæуы.