Бибылты Анатолий ӕрсидт Хуссар Иры тыхон структурӕты кусджытӕм арахайын иумӕ

Президент фембӕлд Паддзахадон хъахъхъӕнынады кусджытимӕ, кӕцытӕ майрӕмбоны нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон, ӕмӕ ӕрсидт тыхон структурӕты размонджытӕм архайын иумӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕ хъуамӕ тох кӕной иумӕ фыдракӕндты ныхмӕ, загъта президент Бибылты Анатолий Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы, кӕцытӕ майрӕмбоны нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон – Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы сӕвзӕрды бон.

"Мах хъуамӕ иумӕйаг куыст кӕнӕм, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм нӕ паддзахад", - загъта республикӕйы сӕргълӕууӕг, кӕцыйы ныхӕстӕ радӕтта йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕ профессионалон цӕттӕ кӕй сты ӕмӕ бӕрнон ахаст дарынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

"Уӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕнцон не сты. Сымах хъахъхъӕнут паддзахадон объекттӕ ӕмӕ паддзахъады къухдариуӕгады. Фӕнды ма мӕ зӕгъын, Паддзахадон хъахъхъӕнынады кусджытӕ хъӕбатырӕй кӕй хъахъхъӕдтой Хуссар Ирыстон хӕсты рӕстӕджы", - банысан кодта президент.

Хуссар Иры президент раарфӕ кодта паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн

Президент бахахх кодта, тагъд рӕстӕджы кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн фарст, цӕмӕй паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы агъуыст сцалцӕг кӕной ӕмӕ кусджытӕн пенситӕ саразой.

Президент схорзӕхджын кодта службӕйы кусджыты майдантӕй "Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнӕгӕн" ӕмӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн".