Хорз ӕнтыстытӕ: Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры Sputnik куысты тыххӕй

Уӕрӕсейаг дипломатон минӕварады сӕргълӕууӕг саргъ кодта агентады куыстӕн ӕмӕ йӕ цӕст бауарзта Sputnik кусджытӕн дарддӕры ӕнтыстытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов Ног азы размӕ радта ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik кусджытӕн грамотатӕ.

Минӕвар саргъ кодта агентады журналистты хайбавӕрдӕн Хуссар Ирыстоны информацион фадыджы райрӕзтмӕ ӕмӕ ирон ӕвзаджы популяризацимӕ, афтӕ ма уӕрӕсейаг минӕварады ног хабӕрттӕ оперативон парахат кӕнынмӕ.

"Сымах бакодтат егъау куыст. Ӕз анализ кодтон куыстӕн иу азы размӕ, ӕмӕ мӕ бон у зӕгъын, сымах профессионалонӕй кӕй райтынг стут, рӕзут ӕмӕ уый у алкӕцы кусӕджы сгуыхтдзинад дӕр", — загъта Марат Кулахметов.

Минӕвар банысан кодта, Sputnik Хуссар Ирыстоны куыст кӕй схызт хорз ӕмвӕзадмӕ, "фӕлӕ ууыл ӕрлӕууын нӕй гӕнӕн, хъӕуы дарддӕр рӕзын".

1 / 5
Марат Кулахметов Ног азы размӕ радта Sputnik кусджытӕн грамотатӕ
2 / 5
Марат Кулахметов Ног азы размӕ радта Sputnik кусджытӕн грамотатӕ
3 / 5
Марат Кулахметов Ног азы размӕ радта Sputnik кусджытӕн грамотатӕ
4 / 5
Марат Кулахметов Ног азы размӕ радта Sputnik кусджытӕн грамотатӕ
5 / 5
Марат Кулахметов Ног азы размӕ радта Sputnik кусджытӕн грамотатӕ

Марат Кулахметовы цӕст бауарзта агентады кусджытӕн дарддӕры ӕнтыстытӕ сӕ куысты.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.