Ивар гуыпгӕнӕнты тыххӕй: Цхинвалы байстой ӕнӕлегалон пиротехникӕ

Хуссар Ирыстоны столицӕйы милицийы кусджытӕ ауагътой рейдтӕ горӕты базарты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik. Милицийы кусджытӕ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кинологон службӕимӕ байстой ӕнӕлегалон пиротехникӕ республикӕйы столицӕйы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

Сотрудники милиции изъяли из продажи контрафактную пиротехнику

Барадхъахъхъӕнджытӕ ауагътой рейдон мадзӕлттӕ столицӕйы базарадон объектты, цӕмӕй сбӕрӕг пиротехникӕйы ӕнӕзаконон уӕй кӕнын.

"Рейдты рӕстӕджы дуканитӕй иуы ссардтой ӕмӕ байстой пиротехникон ӕрмӕджытӕ, кӕцыты нымӕц уыд 105. Дуканийы хицауы фӕдыл сарӕзтой административон протокол. Пиротехникӕ ӕнӕзаконон уӕй кӕныны тыххӕй амалиуӕггӕнӕг бафиддзӕн ивар", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Профилактикон мадзӕлттӕ райдыдтой Цхинвалы 14 декабры ӕмӕ уагъд цӕуынц мидхъуыддӕгты министры уынаффӕмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕнӕлегалон пиротехникӕйы ласыны фӕдыл. Рейдон мадзӕлттӕ адаргъ уыдзысты ногазон бӕрӕгбӕтты кӕронмӕ.