ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Цхинвалы милицийы кусджытӕ ауагътой рейдтӕ фыдызгъӕлы продукци ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Столицӕйы базарадон объектты басгӕрсты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой цӕрджыты санитарон-эпидемиологон хӕрзвадаты фадыджы закондӕттынады ӕртӕ фехӕлды.
"Мах бафӕдзӕхстам уӕйгӕнджыты, кӕй нӕй гӕнӕн базарад кӕнын ӕнӕсфидаргонд бынӕтты, уый тыххӕй. Законхалджыты фӕивар кӕндзысты 400-800 сомы бӕрц. Горӕты администраци рахицӕн кодта сӕрмагонд бынӕттӕ базарадӕн, цы ран адӕмӕн ис бар уӕй кӕнын сӕ продукци", — банысан кодта милицийы фадыгон Хӕбӕлаты Леван.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, рейдон мадзӕлттӕ фыдызгъӕл ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны фӕдыл адаргъ уыдзысты ногазон бӕрӕгбӕтты кӕрӕттӕм.