Паддзахадон автоинспекци ӕрсидт шофыртӕм сӕхи бахизын фӕндӕгтыл

Уагдоны бафтыдтой, боныгъӕды уавӕрты тыххӕй сӕрдыгон цӕлхытыл скъӕрыны тыххӕй кӕй ӕрцӕуынц аваритӕ фӕндӕгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Паддзахадон автоинспекци бафӕдзӕхста шофырты баивын сӕ хӕдтулгӕты цӕлхытӕ зымӕгонтӕм, цӕмӕй митуарды тыххӕй ма ӕрцӕуой фӕндагон-транспортон цаутӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Фондз градусӕй къаддӕр температурӕйы рӕстӕджы сӕрдыгон цӕлхытӕ нал бӕззынц, ӕмӕ уый тыххӕй шофыртӕ гӕнӕн ис бахауой авариты фӕндӕгтыл", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Афтӕ ма автоинспектортӕ ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй лӕмбынӕг хъус дарой фӕндӕгтыл уавӕрмӕ- тагъд ма уромой, ӕххӕст кӕной дистанцы режим.