Хъӕбатыр ӕмӕ ныфсджын: Хуссар Иры УУМ ирвӕзынгӕнджытӕн радтой хорзӕхтӕ

Хуссар Ирыстоны УУМ кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ Ирвӕзынгӕнӕджы боны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ирвӕзынгӕнджытӕн раарфӕ кодтой сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кодтой майдантӕй, афтӕ ма сын радтой радон сӕрмагонд нӕмттӕ.

Фидар цыппар: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг саргъ кодта уагдоны куыстӕн

Хорзӕхкӕныны рӕстӕджы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕн раарфӕ кодта Ирвӕзынгӕнӕджы боны цытӕн министры хӕдивӕг Цоциты Азӕмӕт, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Сымах ирвӕзын кӕнут адӕмы, кӕцытӕ бахаудтой зындзинӕдты. Ирвӕзынгӕнӕджы куыст кӕнынц хъӕбатыр ӕмӕ ныфсджын адӕм, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, сымахмӕ ацы миниуджытӕ кӕй ис", - загъта министры хӕдивӕг.

Республикӕйы ирвӕзынгӕнджытӕн раарфӕ кодта президент Бибылты Анатолий дӕр, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Ирвӕзынгӕнджытӕн ис стыр нысаниуӕг алыгъуызон катастрофӕтӕ аиуварс кӕныны хъуыддаджы. Ацы професси сахуыр кӕнын алкӕмӕн фадат нӕй – хъӕуы дзы профессионализм, хъӕбатырдзинад ӕмӕ хорз физикон цӕттӕкӕнынад", - дзырдӕуы арфӕйы.

Майдантӕй "Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй" схорзӕхджын кодтой Пухаты Джабо ӕмӕ Тедеты Цӕрайы, кӕцыдӕр кусджыты схорзӕхджын кодтой ӕхцайы фӕрӕзтӕй. Афтӕ ма мидӕггагон службӕйы дӕлбулкъоны ном райста агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды хистӕр Чехойты Алан.