Авари Цхинвалы: университеты раз джип сæмбæлд "Приора"-йыл

Цауы фæстиуæгæн "Лада-Приора"-йы шофыр æмæ йæ бæлццон цæфтимæ бахаудтой республикон рынчындонмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Хуссар Иры столицæйы, Джиоты Аланы проспект æмæ Мæскуыйаг алвæндагыл кæрæдзийыл сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы. Шофыр æмæ йæ бæлццон бахаудтой рынчындонмæ, фехъусын кодтой МХМ пресс-службæйы.

В Цхинвале произошло ДТП: два человека пострадали

Авари рцыд 28 декабры 00:50 сахатмæ æввахс.

"Хæдтулгæ "Лада-Приора"-йы 28-аздзыд шофыр фехæлдта фæндагон змæлды фæтк æмæ сæмбæлд хæдтулгæ "Mitsubishi Pajero"-йыл. Аварийы фæстиуæгæн "Лада-Приора"-йы ахаста ХИПУ бæстыхайы ʻрдæм æмæ сæмбæлд рухсы цæджындзыл", — загътой пресс-службæйы.

Цауы фæстиуæгæн "Лада-Приора"-йы шофыр æмæ йæ бæлццон цæфтимæ бахаудтой республикон рынчындонмæ.

Фæндагон цау сгары МХМ Паддзахадон автоинспекци.