Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

Арӕн сӕхгӕндзысты уый тыххӕй ӕмӕ Ног азы размӕ фӕтыхджындӕр кӕндзысты ӕдасдзинады мадзӕлттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 – Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн арӕн сӕхгӕндзысты ӕртӕ бонмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ Ног азы размӕ фӕтыхджындӕр кӕндзысты ӕдасдзинады мадзӕлттӕ.

"Ног азы размӕ ӕдасдзинады фӕтыхджындӕргонд мадзӕлтты тыххӕй 30 декабры 20.00 сахатӕй фӕстӕмӕ сӕхгӕндзысты паддзахадон арӕн Гуырдзыстонимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) банысан кодтой, уадзӕн пункттӕ кӕй скусдзысты хуымӕтӕг режимы 2 январы 6.00 сахатӕй фӕстӕмӕ.