Автоинспекци фӕтыхджындӕр кӕндзӕн ӕдасдзинады мадзӕлттӕ Хуссар Иры фӕндӕгтыл

Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтӕм рахиздзысты фӕндагон-патрулон службӕйы уӕлӕмхасӕн къордтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Ногазон бӕрӕгбӕтты размӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон автоинспекци ӕххӕст кӕндзӕн фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады тыхджындӕргонд мадзӕлттӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы ацыдысты рейдтӕ фыдызгъӕл ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны фӕдыл

"Ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы фӕфылдӕр вӕййы хӕдтулгӕты нымӕц фӕндӕгтыл. Уый фӕдыл республикӕйы фӕндӕгтӕм рахиздзысты патрулон службӕйы уӕлӕмхасӕн къордтӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕндзысты бынӕттӕ, цы ран ӕмбырд кӕнын байдауынц бирӕ адӕм", — банысан кодта паддзахадон автоинспекцийы хистӕр Джиоты Алан.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджыты сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн нозтджын шофыртӕ сбӕрӕг кӕнынмӕ. Фӕндагон змӕлды фӕткхалджыты ныхмӕ ӕххӕст кӕндзысты карз мадзӕлттӕ, бафтыдтой уагдоны.