Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы Владимир Путинмӕ: сӕххӕст кодтам хорз фӕстиуджытӕ

Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн ӕрбалӕугӕ Ног аз ӕмӕ Цыппурсы цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе ацы аз райтынг кодтой ӕмгуыстад алы фадыджы дӕр ӕмӕ сӕххӕст кодтой хорз фӕстиуджытӕ, дзырдӕуы РХИ президент Бибылты Анатолий арфӕйы УФ президент Владимир Путинмӕ.

"Ацы аз Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕст куы нысан кодтам, уӕд та ногӕй бӕлвырд базыдтам, бӕстӕтӕ хорз фӕстиуджытӕ кӕй сӕххӕст кодтой ӕмгуыстады райрӕзты алы фадыджы дӕр", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта уӕрӕсейаг лидерӕн ног азы ӕнтыстытӕ ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтӕ.