Сӕйраг хӕслӕвӕрд: Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъӕлтӕ Хуссар Иры цӕрджытӕн

Республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты ног цӕрӕнуат райстой фараст бинонтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъгӕлттӕ республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты цӕрджытӕн.

Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъӕлтӕ фараст бинонтӕн Цъунар, Прис, Тбет ӕмӕ Цхинвалӕй, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ног хӕдзӕртты хицӕуттӕн ӕмӕ сын радта чысыл ногазон лӕвӕрттӕ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, фидӕн аз дӕр кӕй цалцӕг кӕндзысты хӕдзӕрттӕ, кӕцытӕ ныппырх сты гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы.

"Хуссар Ирыстоны хъуамӕ мауал уа хӕдзӕрттӕ, кӕцытӕ ныппырх сты хӕсты рӕстӕджы. Уый у нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд", - бахахх кодта президент.

Ног цӕрӕнуаты хицӕуттӕ загътой бузныг президентӕн хорз ахасты тыххӕй ӕмбӕстӕгты хъуагдзинӕдтӕм.

"Бузныг республикӕйы къухдариуӕгӕн, аразджытӕн, кӕцытӕ мын балӕвар кодтой ацы диссаджы хӕдзар", - загъта Цъунары цӕрӕг Лохты Дзамболат, кӕцыйы хӕдзар ныппырх ис гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы 2008 азы.

Иумӕйагӕй ацы аз республикӕйы районты сарӕзтой 15 хӕдзары. Республикӕйы сцалцӕг кодтой ӕмӕ сарӕзтой 45 хӕдзар ӕмӕ фатеры, афтӕ ма баивтой 152 уӕлхӕдзары. Хӕдзӕрттӕ иууылдӕр сарызтой хӕрзаудӕн фонд "Аланийы иудзинады" фӕрӕзтӕй, кӕцыйы бындурӕвӕрӕг у Бибылты Анатолий.