Хуссар Иры президент ацыд Венесуэламæ

Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг хайад райсдзæн Николас Мадуройы йæ бынатмæ бахизыны церемонийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райсдзæн Боливариаг Республикæ Венесуэлайы президент Николас Мадуройы инаугурацийы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Хуссар Ир ӕмӕ Венесуэла райтынг кӕндзысты ӕууӕнчы ӕмӕ хӕлардзинады ахастытӕ

Церемони ацæудзæн 10 январы Каракасы.

Бибылты Анатолиимæ кусæгон балцы ис фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Боливариаг Республикæ Венесуэла Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта 2009 азы. Дыууæ бæстæйы хсæн фидаргонд æрцыдысты дипломатон ахастытæ.