Миты ахæсты: Дзауы районы цыппар хъæумæ боныгъæд аскъуыдта бастдзинад

Сæрмагонд службæтæ кусынц фæндæгтæ расыгъдæг кæныныл, цыппæрæмы фæссихортæм районы æппæт хъæутæм дæр уыдзæн фæндагон бастдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Дзауы районы хицæн хъæутæм митуард алыг кодта фæндагон бастдзинад. Районы цæрæн-коммуналон хæдзарады архайды фæрцы цалдæр коммæ ахафтой фæндæгтæ, цыппар хъæуы нырма дæр сты боныгъæды ахæсты, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

Фæстаг æртæ боны Хуссар Ирыстоны стыр митуардтæ ныкъуылымпы кодтой фæндагон бастдзинæдтæ — æхгæд у Транскам, митуард æрæхгæдта фæндагон змæлд кæцыдæр хъæутæм дæр.

"Цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ сæумæ райсомæй изæрмæ кусынц фæндæгтæ ахафыныл. Централон фæндаджы уæлцъар расыгъдæг кодтой митæй, ахафтой фæндаг Фаллаг фарс, Църу æмæ æндæр хъæутæм. Цыппар хъæу нырма дæр сты миты ахæсты, фæлæ Цæрæн-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерлан ныфс дæтты уыдон проблема дæр цыппæрæмы фæссихортæм алыг кæнын", — загъта районы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Миты ахæсты: Дзауы районы цыппар хъæумæ боныгъæд аскъуыдта бастдзинад