Хуссар Иры делегаци фæуазæг Венесуэламæ

Балц ахæсдзæн дыууæ боны, ацы рæстæг Бибылты Анатолий хайад райсдзæн Венесуэлæйы президенты инаугурацийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фæуазæг Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы сæйраг горæт Каракасмæ Николас Мадуройы инаугурацийы хайад райсынмæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службæ.

Хуссар Иры президент ацыд Венесуэламæ

Хуссар Иры делегацийыл аэропорты сæмбæлд Венесуэлæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Иван Хиль.

Иван Хиль æмæ Бибылты Анатолий протоколон фембæлды рæстæджы æрныхас кодтой дыууæварсон ахастыты ахсджиагдзинадыл.

Венесуэлæйы президенты йæ бынатмæ бахизыны церемони  ацæудзæн 10 январы 2019 азы Каракасы.

Бибылты Анатолиимæ кусæгон балцы ис фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Боливариаг Республикæ Венесуэла Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта 2009 азы. Дыууæ бæстæйы хсæн фидаргонд æрцыдысты дипломатон ахастытæ.

Хуссар Иры делегаци фæуазæг Венесуэламæ