ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Дунейы адæмты кæфтыты ансамбль "Сюрприз" Цæгат Ирыстонæй бацахста фыццаг бынат Уæрæсейы столицæйы фестиваль "Рождественская Москва"-йы, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Музыкалон-нывæфтыд аивады æхсæнадæмон фестиваль æрæмбырд кодта дыууæ мин хайадисæгæй фылдæр.
Дунейы адæмты кæфтыты ансамбль "Сюрприз" мадзалмæ бацæттæ кодта цыппар кафты: абхазаг, дагестайнаг, дзуттаг æмæ ирон чызджыты кафт. Дыууæ номинацийы ирыстойнаг коллектив бацахста 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ.
"Æрыгон артисткæтæ зæгъынц, цы кубоктæ æмæ дипломтæ райсынц, уыдон сын фадат кæй дæттынц ног уæлахизтæм тырнынæн. Ныртæккæ чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц ног аивадон ерыстæм. Зындгонд кафт "Цыганочка"-йæ фæнд кæнынц радон æнтыстдзинад равдисын", - дзырдæуы хъусинаджы.
Дунейы адæмты кæфтыты ансамбль "Сюрприз"-ыл цæуы 20 азы æмæ республикæйы у иунæг. Коллективы ис æрмæстдæр 7 азæй – 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ. Ансамблы репертуары ис кавказаг, уырыссаг, дзуттаг, скæсæйнаг æмæ æндæр адæмты 30 кафты.
Адæмон кæфтыты фæрцы рæзгæ фæлтæр зонгæ кæнынц дунеон культурæимæ. Коллективы ахуырадон программæ арæзт у фараст азæн, классикон хореографийæ дарддæр, чызджытæ зонгæ кæнынц кафты историимæ, бацæттæ кæнынц рефераттæ æмæ мини-спектакльтæ.