ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Криминалон милицийы кусджытæ æрцахстой дзауаг 22-аздзыд чызджы, кæцымæ ссардтой республикæйы тобæгонд психотропон препарат "Лирика", хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
Тобæгонд хосы фæндзай капсулæйы ссардтой Гуфтайы автоинспекцийы постыл иномаркæ "Chrysler Voyager" басгæрсты рæстæджы. Машинæ скъæрдта Цхинвалы 42-аздзыд цæрæг.
"Басгæрсты рæстæджы хæдтулгæйы салоны ссардæуыд "Лирика"-йы 50 капсулæйы, кæцытæ уыдысты Дзауы поселочы 22-аздзыд цæрæг чызджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Фæткхалæджы æрцахстой, МХМ слестгæнæн управлени йæ ныхмæ бакодта уголовон хъуыддаг.
Фарон Хуссар Ирыстоны парламент райста закон административон ӕмӕ уголовон бӕрны фӕдыл медицинон буарад "Лирика"-йы парахат кӕныны тыххӕй.