Дзæуджыхъæуы иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ

Цæгат Ирыстоны столицæйы æртыццæджы сыстад тыхдымгæ - йæ футтытæ секундмæ хæццæ кодтой 16 метрмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад иуварс кæны тыхдымгæйы фæстиуджытæ, кæцы сыстад республикæйы столицæйы æртыццæджы æхсæвы, хъусын кæны Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдразамынады администрацийы.

Тыхдымгæ: Цæгат Иры УУМ фæдзæхсы боныгъæды февзæрæй
 

Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, дымгæйы тых 15-16 январы æхсæвы хæццæ кодта иу секундмæ 16 метрмæ.

Тыхдымгæ ссис электрохызæгты ныскъуыдтæйы аххосаг, уый фæстиуæгæн дæсгай хæдзæрттæ аззадысты æнæ рухсæй.

Уымæй дарддæр ма æрдзон бæллæх разиан кодта кæцыдæр бæстыхæйтты агъуыстытæн дæр, афтæ ма иу хæдтулгæйыл та рафæлдæхт бæлас.