"Диссаджы фильм": Сæлбиты Аким фæцис куыст "Темур-Алсак"-ыл

Кинонывы, кæцы ист æрцыд Малиты Гиуæргийы поэмæмæ гæсгæ, ахъазыдысты зындгонд уæрæсейаг зарæггæнджытæ æмæ актертæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Режиссер Сæлбиты Аким балхынцъ кодта йæ куыст киноныв "Темур-Алсак"-ыл, хъусын кæны Ossetia News.

Цхинвайлаг актерты хайадистæй сериал равдисдзæн канал Россия 1

Кинонывы, кæцы ист æрцыд Малиты Гиуæргийы поэмæмæ гæсгæ, ахъазыдысты зындгонд уæрæсейаг зарæггæнджытæ æмæ актертæ, се ʻхсæн Василий Лановой, Дмитрий Харатьян, Александр Панкратов-Черный, Феликс Царикати æмæ Зара.

Съемкаты хайад райста зынгæ ирон каскадер Уыртаты Эльбрус дæр. Уымæй дарддæр ма куыстмæ æрбахуыдтой бæхджын театр Нарты"-йы дæр.

"Темур-Алсак" — диссаджы фильм. Уый у мæ куыстытæй хуыздæртæй иу, ам æз баиу кодтон документалон кино уæды дуджы реконструкциимæ"— загъта Сæлбиты Аким.

Цæгат Ирыстоны фильмы равдисын нырма нæ фæнд кæнынц. Сæлбиты Акимы ныхæстæм гæсгæ, кинонывмæ Ирыстоны нæй "гъæдджын дæн".