Президент схорзæхджын кодта Хуссар Иры Абхазы минæвары Хæларады орденæй

Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Абхазы минæвар Елбачиты Аланы Хуссар Иры Хæларады орденæй йæ стыр хайбавæрды тыххæй дыууæ республикæйы ʻхсæн ахастытæ райтынг кæныны хъуыддагмæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий раарфæ кодта минæварæн йæ юбилейы фæдыл, афтæ ма банысан кодта йе ʻсгуыхтдзинæдтæ фыдыбæстæ хъахъхъæныны, стæй ма Абхазимæ ахастытæ райтынг кæныны хъуыддаджы.

"Дæуæн бантыст дæ адæмæн саразын бирæ. Абон Ды кусыс æфсымæрон Абхазы республикæйы номæй, ам дæр Дын ис æнтыстытæ, разамынад дæр бæрзонд аргъ кæны Хуссар Ир æмæ Абхазы ʻхсæн ахастытæ райтынг кæныны сæраппонд Дæ архайдæн. Ӕз дæр сæрыстыр дæн мæ хæлар ахастытæй Демæ", – загъта президент.

Елбачиты Алан бузныг загъта паддзахады разамонæгæн йæ куыстæн ын ахæм бæрзонд аргъ кæй скодта.

Президент схорзæхджын кодта Хуссар Иры Абхазы минæвары Хæларады орденæй

"Афтæ рауад æмæ ныридæгæн куысын Абхазы номæй, ацы республикæимæ ахастытæ размæ цæуынц, амæй размæ бафыстгонд бадзырды фæрцы, кæцы хауы æппæт сферæтæм дæр, ноджы фидар цæуынц ", - загъта уый.

Минæвар банысан кодта, хъæуы "раразмæ" кæнын базарадон-экономикон сферæйы бастдзинæдтæ.

"Ӕз хъуыды кæнын, 2019 уыдзæн тыллæгджын", – балхынцъ кодта уый.