Ӕртæ бронзæйы: цхинвайлаг теннисисттæ ссисты ЦКФЗ призертæ

Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты расгуыхтысты Бекъойты Эдуард, Кокойты Аманда æмæ Джиголаты Диана
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæ Цæгат Ирыстоны командæты сконды райстой æвзист майдантæ Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты уæлыстол теннисæй. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер теннисæй Джиоты Мириан.

Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ цыдысты 16—20 январты Кæсæг-Балхъары республикæйы.

"Цæгат Ирыстоны нæлгоймæгты командæ ерысты ссис æртыккаг, йе 'сконды хъазыд нæ спортсмен Бекъойты Эдуард, уый ссис бронзæйон призер", - загъта тренер.

Джиоты Мириан ма радзырдта, чемпионты кæй расгуыхтысты йæ хъомылгæнинаг-чызджытæ дæр.

Цхинвайлаг теннисисткæтæ ссисты Цæгат Иры чемпионаты призертæ

"Кокойты Аманда æмæ Джиголаты Диана дæр архайдтой Цæгат Иры сылгоймæгты къорды ʻхсæн. Уыдон дæр бацахстой æртыккаг бынæттæ. Ерыстæ цыдысты хистæр кары спортсменты хсæн, нæ чызджытæ та сты скъоладзаутæ, уый тыххæй уæлдай сæрыстыр дæн се ʻнтыстæй", - бафтыда уый.

Мæйы кæрон та Кокойты Аманда, Джиголаты Диана æмæ Джиголаты Аланæ стох кæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады.

Фæсивæды бацæттæ кодтой тренертæ Джиоты Мириан æмæ Уалыты Ирина.